Knowledge Base Wiki

Search for LIMS content across all our Wiki Knowledge Bases.

Type a search term to find related articles by LIMS subject matter experts gathered from the most trusted and dynamic collaboration tools in the laboratory informatics industry.

Регион
Фламандаг регион
нидерл. Vlaams Gewest
Тырыса Герб
Тырыса Герб
51°00′ с. ш. 4°30′ в. д.HGЯO
Паддзахад Бельги Бельги
Админ. центр Брюссель
Сæргълæууæг [d]
Истори æмæ географи
Бындурæвæрды датæ 1980-æм азы 8 августы
Фæзуат
  • 13 522 км²
Сахатон таг CET (UTC+1, сæрды UTC+2)
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Официалон æвзаг нидерландаг æвзаг
Цифрон идентификатортæ
Код ISO 3166-2 BE-VLG

Официалон сайт(нид.)(фр.)(нем.)(англ.)
Фламандаг регион картæйыл

Фла́ндри (нидерл. Vlaanderen) кæнæ Фламандаг регион (нидерл. Vlaams Gewest) у Бельгийы цæгатаг регион. У федерацийы субъект.

Историон литературæйы уыцы номæй ма хуыдтой, ныртæккæ чи нал ис, уыцы Фламандаг герцогад. Хъæуы ма бафиппайын уый æмæ Фландрийы æмæ Фламандаг герцогад территоритæ æмхуызон не сты. Зæгъæм, Фламандаг герцогады сконды уыди ма ахæм зæххытæ, ныртæккæ Францмæ (Францы Фландри) æмæ Нидерландтæм (Зеландийы Фландри) чи хауы, уыдон.

Административон дих

Фландри дихгонд у фондз провинцийыл:

1 Антверпен
2 Лимбург
3 Скæсæн Фландри
4 Фламандаг Брабант
5 Ныгуылæн Фландри

Провинцитæ та сæхæдæг дихгонд сты муниципалитеттыл.

Брюселы сахары зылд (уырыс. Брюссельский столичный округ) у, Фламандаг Брабанты арæнты мидæг чи ис æмæ Фламандаг зылдмæ чи нæ хауы, ахæм анклав. Фæлæ уæддæр Брюссель у Фландрийы сæйраг сахар. Уыимæ ма Фландрийы хицауады дæлбар сты, нидерландаг æвзагæй пайда чи кæны, Брюсселы уыцы кусæндæттæ (скъолатæ, культурон уагдæттæ).

Политикæ

Регионтæ:
     Фландри     Брюссель     Валлони

Бельги федераци куы сси, уæд Фландри нымад æрцыд, хи хицауад, парламент æмæ бюджет кæмæн ис, ахæм автономон субъектыл. Регионы иунæг официалон æвзаг у нидерландаг, кæд æмæ цалдæр муниципалитеты административон хъуыддаджы гæххæтыты ис пайдагæнæн францаг æвзагæй дæр.

Фламандийы парламент (нидерл. Vlaams Parlement) æвзæрст цæуы фондз азы æмгъуыдмæ æппæтон æмæ комкоммæйы ’взæрстыты фæрцы (æвзарыны бар ис æрмæст Фландрийы æдзух чи цæры, Бельгийы уыцы æмбæстонтæн). Фламандаг парламент аразы регионы хицауад.

Культурæ

Фландрийы райгуырдысты æмæ фæцардысты бирæ зындгонд нывгæнджытæ, уыдонимæ Рубенс, Якоб Йорданс, Адам ван Норт, Ф. Снейдерс, Ян Брейгель, Ван Дейк æмæ æндæртæ.

Кæс

Фиппаинæгтæ